Фосдарынад I Хӕххон Дзигло

Телеканал «Осетия-Ирыстон»-ы сфæлдыстадон къорд бацæттæ кодта ног программӕ «Хӕххон Дзигло». Ныхас дзы цӕудзӕн, ирон нӕлгоймаджы ӕрвылбоны цард куыд аивта раздӕры заманӕй абонмӕ, ууыл. Йæ автор ӕмӕ амонӕг Уртаты Сӕрмӕт йӕхӕдӕг дӕр базондзӕн ӕмӕ басгардзӕн, ӕнусты дæргъы нӕлгоймагæй лӕг цы фӕллой ӕмӕ архайд кодтой, уыцы хабӕрттӕ. Фыццаг рауагъды Сæрмæт бавзардзæн фосдарыны куыстытæ. Йæ фезмæлдмæ æмæ йын арæхстдзинадмæ лæмбынæг кастысты æрыгон фосдарæг Моргуаты Мурат æмæ Дыгургомы фермæйы кусджытæ. 00:00 – Программæйы сæр 00:23 – Фосимæ кусын хорз цæмæй у? 05:15 – «Хæххон дзигло» æмæ фосдарæг Моргуаты Мурат архайынц фосмæ базилыныл 09:38 – Скъæттæ æфснайын куыд хъæуы? 13:13 – Нырыккон фермæйы уавæрты тыххæй. 21:10 – Фосæн холлаг куыд фæцæттæ кæнынц, уый тыххæй. 22:50 – Программæйы архайджытæ æфснайынц фермæйы бæстыхæйттæ 25:18 – Куыд аивтой фосдарыны раздæры æмæ абоны уавæртæ? 25:42 – Раздæры бæхуæрдон æмæ нырыккон трактор. Цы хуыздæр у? _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv    / irystontv   zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv

Смотрите также