VIDEO
Æнæхæдзар куыйтæ хъыгдарынц нæ республикæйы цæрджыты: кæм адæмыл фæхæцынц, кæм хæдзарон фосы ныскъуыдтæ кæнынц. Ахæм цаутæ фылдæр районты æрцæуынц. Зонæм æй, дзæгъæл куыйты фарста алыг кæныны хъуыддаг æнцон нæу, иувæрсыг нæу федералон закъон дæр. Домæнтæм гæсгæ, цæрæгойты нæй марæн, ис сæ æрмæст стерилизаци кæнæн æмæ сын прививкæтæ кæнæн. Фæлæ цы кæнгæ у, куыйты аххосæй хъыгдард чи баййафы, уыцы адæмæн? Уыдæттыл "Йæ рæстæгыл" ныхас кæнæм бæрнон адæмимæ. Цæмæй горæт цæрынæн фадатджын схонæм, уый тыххæй дзы æнæмæнгæй хъуамæ уавæртæ уа цæрæн бынат æмæ куыст самал кæнынæн, медицинон, культурон лæггæдтæ æнæ къуылымпыйæ исынæн, хъуамæ хорз куса æхсæнадон транспорт. Горæты цард хъæугæ фæндагыл сæвæрын æнцон фарста нæу. Уæдæ цæуыл лæууы Дзæуджыхъæуы цæджынц æмæ куыд цæуы куыст горæты рæзтыл? Уыдæттыл ныхас кæнæм нæ уазæгимæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv / irystontv zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv