VIDEO
Адæймаг сын æрмæст сæ нæмттæ куы фехъусы, уæддæр сын сæ диссаджы хъæлæстæ уайтагъд æрхъуыды кæны. Мах та сæ `рбахуыдтам нæ хъæлдзæг телевизион хъазт «Дæ дзыхыл МА хæц!»-мæ. Нæ телекомпанийы уазджытæ уыдысты Цыбырты Шота æмæ Дулаты Дзамболат. Уыцы цауæй нæхæдæг дæр тынг фæбузныг стæм. Сæ фыдыуæзæгмæ арæх нæ сæмбæлынц, сæ алы `рцыд та свæййы æцæг бæрæгбон. Стæй ма афтæ чи зæгъа, æмæ оперон зарæггæнæг æгæр хиуылхæцт вæййы, уымæ-иу макуыуал байхъусут! Ацы дыууæ лæппуйы хъæлдзæгдзинадæн æмбал нæй! Табуафси, хонæм уæ уæдæ нæ телехъазты фæзмæ! _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv / irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv