VIDEO
Хъæлдзæг зæрдæйы ахаст æмæ ног зонындзинæдтæм кæд æмхиц дæ, уæд саккаг кæн нæ телекомпанийы равдыст «Зæгъ æй!»-мæ. Раст мæнæ Кокойты Эльбрус æмæ Гуыссауты Маринæ куыд бакодтой, афтæ. Фыццаг нæ уæндыдысты, фæлæ куы стынг сты, уæд та сæ студийæ фæстæмæ нал фæндыд рацæуын. Æмæ уыцы `нкъарæнтæ бавзарыны бар ис алкæмæн дæр. Æрмæстдæр нын уæ фæнд бамбарын кæнут. Нæ телефон: 72-28-82. 00:00:00 – Программæйы сæр. 00:02:49 – Программæйы архайджытæ Кокойты Эльбрус æмæ Гуыссауты Маринæ дзурынц сæхи тыххæй. 00:08:44 – Тæрхонгæнæг Моргуаты Ларисæйы фыццаг хатдзæгтæ. 00:10:57 – Дыккаг хæслæвæрд: нымæцонтæ раст ныффыссын æмæ зæгъын. 00:17:38 – Тæрхонгæнæг Моргуаты Ларисæйы хатдзæгтæ дыккаг хæслæвæрдæн. 00:18:37 – Æртыккаг хæслæвæрд: зарджыты ныхæсты уагъд рæнхъытæ базонын. 00:23:02 – Тæрхонгæнæг Моргуаты Ларисæйы хатдзæгтæ æртыккаг хæслæвæрæдæн. 00:24:23 – Цыппæрæм хæслæвæрд: мивдисджыты раст формæтæ зæгъын амынд домæнтæм гæсгæ. 00:30:19 – Тæрхонгæнæг Моргуаты Ларисæйы хатдзæгтæ цыппæрæм хæслæвæрдæн. 00:31:42 – Фæндзæм хæслæвæрд: хъæлдзæг радзырдтæ кæронмæ ахæццæ кæнын. 00:37:44 – Тæрхонгæнæг Моргуаты Ларисæйы хатдзæгтæ фæндзæм хæслæвæрдæн. 00:40:17 – Кæронбæттæны хатдзæгтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv / irystontv zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv