VIDEO
Сапиаты Зæлинæйы Цæгатæй Хуссармæ чи нæ зоны, ахæм адæймаг стæм разындзæн. Уæлдайдæр та аивады кусджыты `хсæн. Куыд уарзон адæймаг сын у, уый та абарæн дæр ницæимæ ис. Цымæ иннæтæн йæ уды хъæздыгдзинад чи нæ `вгъау кæны, уымæн йæхицæн тых цы дæтты? Ууыл ныхас кодтам Сапиаты Зæлинæимæ. 00:00 программæйы сæр 00:15 разныхас 01:05 уазæг æрбацыд 01:47 Саппиаты Зæлинæйы программæмæ цæуын фæдыд æви нæ? 03:00 Хуссар Ирыстоны цæмæн æрбынæттон? 04:10 Хуссар Ирыстоны цæрджыты зæрдæйы ахаст? 06:30 Чи æмæ йын цы фадæттæ радтой? Хуссар Ирыстоны культурæйы тыххæй... 09:25 Махъоты Ацæмæзмæ уарзондзинад 10:55 Ирон фæндыры скъола байгом кæныны æмæ иннæ фæндтæ 13:35 Хорз фæндырдзæгъдæг – курдиат у æви ахуыр? 15:55 Йæ æнкъарæнты тыххæй: йæ мæт, йæ сагъæс цы сты? 17:03 “Ирон нæлгоймæгтæй хуыздæр нæй” 19:25 тынг тæригъæд кæмæн фæкæны? 20:00 сидзæр æмæ ацæргæ адæмы хæдзæртты тыххæй 20:53 цавæр цау нæ ныххатыр кæндзæн? 22:42 Зæлинæ цавæр сывæллон уыд? 23:30 музыкалон скъолайы куыд ахуыр кодта æмæ скъолайы йæхи куыд дардта? 25:26 йæ ахуыргæнджытæм уарзондзинады тыххæй 26:00 скъолайы лæппутæн куыд смаст кодта? 27:00 ирон æвзаджы тыххæй æмæ йæ дарддæр ахуыр кæнын кæм фæнды? 30:00 театры актерты тыххæй? 31:15 Абхазы йыл цы цау æрцыд? Ирон æвзагæй куыд загътой? 32:00 мады тыххæй 35:35 фыды тыххæй 37:02 фыццаг хатт фæндыр кæм æмæ куыд федта 38:20 фæндырмæ уарзондзинад куыд фидардæр кодта 39:30 фыццаг фæлварæны йæхи куыд дардта 40:55 Билаонты Долоресимæ фембæлд æмæ йæ зæрдæйы цы фæд ныууагътой 42:15 Иннæты тыххæй йæхи нæ бавгъау кæндзæн 43:10 йæ сæйраг рыст 45:13 æрыгонæй цæуыл хъуыды кодта? 46:00 йæ цардæмбалыл куыд æмæ кæм сæмбæлд? 48:06 нæлгоймагæн цавæр миниуджытæ уарзы 49:00 бинонты кæмæ цавæр бартæ ис? 50:00 æргомдзырд хорз у? 51:10 нæлгоймæгтимæ кусын зын у? 53:50 царды йын уарзон адæм чи сты? 57:05 зæххæн цавæр тых ис 59:05 амонд цы у? 1:02:00 фидæнмæ бæллицтæ 1:04:15 амонæг лæвар кæны дæгъæл _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv / irystontv zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv