«Не ‘гъдау — нӕ удварн». Бестауты Валентинайы алӕвӕрд.

Цыкурайы фæрдыг бæрæг бынат ахсы ирон адæмон сфæлдыстады: кадджыты, таурæгъты, аргъæутты, æмбисæндты. Кæй къухы бафты, уымæн ахъаз у йæ тыхст сахаты, дæтты йын амонд, ныфс, хъару, дзæбæх ын кæны йæ цæфтæ, сисы йын йæ рис. Ис, сæрмагондæй «Цыкурайы фæрдыг» чи хуыйны, ахæм ирон аргъау дæр. Уым æй сæйраг архайæг – идæдз лæджы иунæг лæппуйæн – балæвар кæнынц кæлмытæ, сæ лæппыны сын мæлæтæй кæй фервæзын кодта, уый тыххæй. Цыкурайы фæрдыг ацы аргъауы æцæгæй у йæ номы аккаг: лæппу-иу, цы йæ хъуыд, уый мын фестын кæн, зæгъгæ, куы загъта, уæд-иу æй фестын кодта. Æмæ фæрдыджы, йæ хорз зæрдæйы фæрцы лæппу йæ зынтыл фæуæлахиз, æлдары цард кодта. Сайт ГТРК «Ир» -
ГТРК «Ир» ВКонтакте - https://vk.com/club138956354
ГТРК «Ир» Facebook - https://www.facebook.com/rsogtrkir/?f...
ГТРК «Ир» YouTube -    / @admintskhrayona  .

Смотрите также