Хоры Уациллайы бæрæгбон сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны цæрджытæ

Хоры Уациллайы бæрæгбон сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны цæрджытæ. Хоры бон у уалдзыгон куыстыты райдайæн бæрæгбон. Ис ын стыр ахадындзинад ирон адæмы царды. Алы бинонтæ дæр сæ хæдзæртты скуывтой æртæ чъирийæ, стæй сарæзтой иумæйаг куывд хъæубæсты. Хъæздыг тыллæг сисыны тыххæй бакуывдтой Хъæдгæроны цæрджытæ дæр. Хъæдгæроны Айдараты уынджы ссæдз хæдзары ис. Алы аз дæр Хоры Уациллайы куывдмæ сæхи фæцæттæ кæнынц бæркад къухæй. Ацы аз рад æрхауд Хъæдгæроны цæрæг Гутнаты Вадиммæ. Бинонтæ ацы хъæуы ногæрцæрджытæ сты. Бæрæгбон саразынмæ уæлдай зæрдиагдæрæй æнхъæлмæ кастысты. Хъæубæстæ саразынц иумæйаг куывд. Уымæй уæлдай ма алы бинонтæ сæ хæдзары скæнынц æмæ скувынц æртæ кæрдзынæй. Уый фæстæ æрæмбырд вæййынц бæрæг ранмæ. Фидæны бæрæгбон саразыны рад кæмæ æрхауы, уый дæр нысангонд æрцæуы. Æгъдаумæ гæсгæ, хæдзары æппæты кæстæры сæрыл рауадзынц къуымæл. Хистæр уыцы рæстæг кувæгау сдзуры: Ацы къуымæл куыд парахатæй кæлы, афтæ парахат уæд хор, афтæ бæркадджын уæд афæдзæй-афæдзмæ нæ тыллæг. Йемæ йын хæдзармæ арвитынц æртæ кæрдзыны æмæ кусартæй кувæггаг. Ацы бон хæстæджытæ, хиуæттæ кæрæдзийæн зæрдиаг арфæтæ кæнынмæ фæцæуынц. Сæ циныл сын сыхбæстæ æмæ хъæубæстæ дæр бацин кæнынц. Фидæн аз хорз тыллæг кæй сисдзысты, ууыл сæ зæрдæ фæдарынц. Ацы бæрæгбонæн ис стыр нысаниуæг - адæмы кæрæдзиимæ кæны æнгомдæр, иузæрдиондæр. Уымæй уæлдай ма æрыгон фæсивæд дæр разæнгард кæны нæ фыдæлты æгъдæуттæ зонынмæ, кад сын кæнынмæ. Ууыл сæ ахуыр кæнынц сæ хистæртæ. Хоры Уациллайы бон у уалдзыгон куыстыты райдайæн бæрæгбон. Хъæдгæроны цæрджыты фидарæй уырны, ног хуымзæххы цы гага ныппарой, уый кæй фæрæстмæ уыдзæн, фæззæджы хъæздыг хор кæй сисдзысты, чындзæхсæвтæ, чызгæрвыстытæ, куывдтæ кæй кæндзысты, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv    / irystontv   twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Смотрите также