Ахуырадон гранттæ, студентты форум, æвзаджы лагерьтæ æмæ "Иудзинад"-ы юбилей

Æхцайæ хорзæх иннæ аз фæуыдзæн Дзæуджыхъæуы политехникон техникумы. Афтæмæй хъуамæ фæахадгæдæр кæной туризмимæ баст дæсныйæдтыл ахуыр кæныны хъуыддаг. Зæгъын хъæуы уый, æмæ канд сæхи студенттимæ нæ кусдзысты. Уæдæ ма нæ ныхасы сæр уыд, рæхджы Дзæуджыхъæуы цы фæсивæдон форум "Æрыгон", зæгъгæ, райдайдзæн, уый дæр. Æрбахуыдтой йæм, йæ бинонты уидæгтæ Ирыстоны кæмæн сты, фæлæ ныртæккæ æндæр рæтты цы фæсивæд цæрынц, уыдоны. Цы сын æрцæттæ кодтой, уый тыххæй ныхас кодтам нæ студийы уазæгимæ. Нæ иннæ уазæг та æрæджы уыд Чувашийы. Бабæрæг дзы кодта æвзаджы лагерь. Йæхæдæг цалдæр æвзаджы ахуыр кæны æмæ йæ бафæндыд искæй фæлтæрддзинад базонын. Хуымæтæг пластик хæтæлæй зæрдæ балхæнæн куыд ис, уый дæр ма нын радзырдта. Йæ рæстæгыл нæм фæзындысты æхсæнадон змæлд "Иудзинад"-ы уæнгтæ дæр. Сæххæст сыл 10 азы. Цы сын бантыст, цæмæ тырнынц, цæуыл кусынц, стæй кæд райдайдзыстæм "Иудзинады мæсыг" амайын - уыдæттæ уыдысты нæ дзуринæгтæ уазджытимæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv    / irystontv   zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv

Смотрите также