Зайнаб Ибрагимова | Не `взаг - сæ хæзна

Ӕрыгон чызгæй Зайнаб Ибрагимова æрцыдис ахуыр кæнынмæ Дзæуджыхъæумæ Махачкалайæ. Ахуыры фæстæ йæ Зæронд Бæтæхъойыхъæумæ фелсырæй кусынмæ куы арвыстой, уæд йæ зæрдæ бамæгуыр, ацы æвадат хъæуы куыд уыдзынæн, зæгъгæ. Цӕмӕй æнхъæл уыд Зайнаб, æмæ йæ цард ацы хъæубæстимæ сбæтдзæн… 00:00 - Равдысты сæргонд. 00:23 - Æвзонг чызгæй Зайнаб Ибрагимова Дагестанæй Ирыстонмæ куыд ссыд, уый тыххæй. 02:08 - Зайнаб Ибрагимова: Ахуыры фæстæ мæ Зæронд Бæтæхъойыхъæумæ кусынмæ куы арвыстой, уæд мæ зæрдæ бамæгуыр… 03:00 - Хъæуы цæрджытимæ ссардта иумæйаг æвзаг. 05:05 - Æртæ азы фæстæ аздæхт Дагестанмæ, фæлæ йæ зæрдæ баззад Ирыстоны. 06:30 - Йæ уарзон лæппу йæ скъæфынвæнд куыд скодта, уый тыххæй. 07:35 - Куыд сразы сты Зайнабы бинонтæ сæ чызджы æндæр адæмыхатты лæппуйæн раттыныл, уый тыххæй. 10:25 - Зайнабы ирон бинонты `хсæн куыд цард æмæ йæ йæ ныййарджытæ фæстæмæ акæныныл куыд архайдтой. 13:00 - Зайнаб Ибрагимова: Бабыхстон æппæт зындзинæдтæн дæр. Уарзондзинад тыхджындæр у. 14:17 - Зайнабы куыст Зæронд Бæтæхъойыхъæуы амбулаторийы æмæ Цæгат Кавказы медицинон центры. 19:22 - Ирон æвзаг Зайнабы царды. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv    / irystontv   zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv

Смотрите также