VIDEO
Хуыбиаты Зауыры ныхӕстӕ, Секъинаты Альбинӕйы музыкӕ Ныййарджытӕн… Ног уард митыл баззади фыццаг фӕдтӕ Хуры тын сыл ферттивы сӕумӕ. Бамбӕрзта хӕмпус урс мит нӕ уӕлмӕрдтӕ О Хуыцау, дӕумӕ кувын, дӕумӕ. Ам хуыссынц мӕ цардвӕллад ныййарджытӕ Ам ыссардтой се нусон бынат. Ахастой нӕ бирӕ цӕссыг, хъарджытӕ Рухсаг ут, мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад. Мад ӕмӕ фыды хӕдзарӕй хъарм цӕуы, Цымӕ йӕ цӕмӕн хонынц цӕгат, Ам цӕуӕт ӕрӕмбырд вӕййынц, ам цӕры Хистӕртӕн сӕ фарн ӕмӕ сӕ кад. Припев: О Хуыцау куы уаид цардӕн раздахӕн, бахӕрин мӕ зонгуытыл уӕд ард, Кувин уӕд уӕларвы иунӕг паддзахӕн Иу бон ратт мӕ ныййарджытӕн цард! Бар ма ратт Барастыры дуаргӕсӕн, Иу ӕхсӕв сӕ рауадза, цӕмӕй Тар уаты сӕ боны цъӕхтӕм бамбӕхсӕм, Хурыл нӕ нӕ сардаудзӕни мӕй. Раздӕхтӕн ӕз уӕлмӕрдтӕй мӕ фӕд, мӕ фӕд Базмӕлыд, та райхъал ис нӕ хъӕу, Нал рахиздзӕн къӕсӕрмӕ мӕнмӕ мӕ фыд Нал фендзынӕн ам,мӕ буц мад, дӕу. Раивтам нӕ хъарджытӕ ныр зарджытӕм Иумӕ цӕуынц циндзинад мӕ маст. Сӕвӕрдтон сӕ ингӕнтыл ныййарджытӕн Алкӕмӕн дӕр дидинджыты баст.