VIDEO
УРС ТУТА Ных. Хуыбиаты Зауырбег, Муз. Секъинаты Альбинӕ 1. Ǽсрǽгъǽд та нǽ урс тута нǽ кǽрты, Ǽз та йын мысын горǽты йǽ ад. Мǽ фыд кǽсы нǽ зǽронд кауы сǽрты, Лǽууы йǽ фарсмǽ кауы нцой мǽ мад. Нǽ зǽронд куыдз фǽхъил кǽны йǽ хъустǽ, фǽндагмǽ кǽсы уазджыты анхъал. Мǽ мад изǽры бафснайдзǽн йǽ къустǽ, Мǽ фыд ǽрзилдзǽн къулдуары къǽбǽл. 2. Ǽрǽмысын мǽ райгуырǽн къǽсǽртǽ, Куыд адджын у йǽ къонайы фǽздǽг. Ǽсурс ǽсты ныййарджытǽн сǽ сǽртǽ, Хӕры мӕ авдǽн цары ныр рымпӕг. Мǽ фынты фестын райгуырӕн хӕдзары Куыд ӕнӕмӕт уыд сабибонты цард! Цыма та мад нǽ пецы фарсмǽ бады Йǽ рустыл хъазы хуры тынау арт. ПРИПЕВ: Ныййарǽг мад! О радзур иу мын аргъау, Ǽфтауы мыл дǽ алолай кǽлǽн. Куы мын судзынц да цǽстытǽ цырагъау, Дǽ хъарм хъǽбыс у кувǽндон мǽнǽн. 3. Куыройау нǽ ǽстыр горǽт лǽхуры, Ӕхсныфау фурды мах ǽскъǽфы цард. Ӕруайдзынӕн хуыцаубон, кӕнӕ сабат Мӕ уӕздан фыд, ӕмӕ, мӕ фӕлмӕн мад. Фǽбадзыстǽм кǽркуасǽнтǽм мах иумǽ, Фǽкǽндзыстǽм зǽрдǽбынǽй ныхас. Нӕ куыдз йǽ къǽдзил тилдзӕн цары фиумӕ, Ныхъхъус уыдзǽн нǽ урс тута бǽлас. ПРИПЕВ: Кǽмдǽр та хъǽуы, фӕндагӕй къӕсӕрмӕ Куы афǽд кӕндзӕн арф миты фыййаг. Кӕсынц та мӕм нӕ хӕдзары ӕнхъӕлмӕ Дыууӕ зӕды – мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад.