VIDEO
Мæ абоны уазæджы республикæйы цæрджытæ куыддæр федтой, афтæ йыл бирæтæ сæ цæст æрæвæрдтой. Бæрзонд, мидбылхудаг, расугъд хъæлæсимæ, арфæтæгæнаг. Уæд, иу къорд азы размæ, мæ уазæг æмæ йе мкусджытæм зæрдиагæй æнхъæлмæ кастысты алы хæдзары дæр. Куыд рауад афтæ? Хуымæтæг дзуапп. Йæ рæстæджы уыд телерадиокомпани «Аланийы» амонæг. Цард куыд ивы, афтæ ивта йæ цардвæндаг дæр. Куыста æндæр рæтты æмæ бынæтты. Кæм – уый нын абон йæхæдæг радзурдзæн… Иумæ дæр акуыстам, фæлæ йæ рагæй нал федтон æмæ мын æхсызгон уыдзæн йемæ фембæлын. Куыд мæм кæсы, афтæмæй сымахæн дæр. Æнхъæлмæ та кæсын Челдыты Виталимæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv / irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv