Кокайты Таймураз | Цы сусæг кæныс

Абоны уазæгæн æрмæст йæ ном дæр чи фехъусы, уый фæлмæнæй мидбылты бахуды. Уæвгæ, йæ бирæтæ зонынц. Канд республикæйы нæ, фæлæ Уæрæсейы æмæ фæсарæнты дæр. Уымæй фылдæр адæм та дзы бузныг сты. Фыццаджыдæр, йæ адæймаджы миниуджыты æмæ сын царды рæсугъд фæндаг кæй бацамыдта, уый тыххæй. Ахæм адæймагимæ фембæлын æмæ аныхас кæнын та кæй нæ бафæнддзæн. Схъомыл кодта кафджыты бирæ фæлтæртæ æмæ дзы алчидæр аивад рæсугъд фæндагыл нымайы. Уал сывæллонæн зондамонæг æмæ сæ курдиат æргомгæнæг чи у, уый тынг цымыдисаг адæймаг у æмæ йæм зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсæм. Чи у? Кокайты Таймураз. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv    / irystontv   twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Смотрите также