Тӕхынц сызгъӕрин азтӕ | Лӕууы ма мӕ зӕрдыл

Цаутӕ кӕрӕдзийы ивтой, иу иннӕйы фӕдыл тахтысты æвзонг æмæ æнæмæт царды бонтӕ. Зæгъæн ис, æмæ Кировыхъæуы скъолайы 1967-æм азы рауагъдонтæ сæххæст кодтой сæ сæйраг хæс. Ныр дзы алчидæр кадимæ хæссы хистæры ном. Фæлæ мидбылхуыдтимæ сæ бон зæгъын вæййы, лæууы ма мæ зæрдыл мæ фыццаг ахуыргæнæг, ме `мкъласон æрдхорд, ме `взонджы дуг, зæгъгæ. 00:00 - Сæргонд «Лæууы ма мæ зæрдыл». 00:15 - Афæлгæст 1967-æм азы цаутыл. Уыцы аз Цæгат Ирыстоны Кировы хъæуы скъола каст фесты нæ равдысты архайджытæ. 02:00 – Ахуыргæнæг Кодзаты Эльбрус мысинæгтæ. 03:22 – Бигъуылаты Людмилæ сæ ахуыргæнæджы тыххæй. 04:00 – Уарзондæр ахуыргæнæджы тыххæй. 06:10 – 1967 азы рауагъдонтæ дзурынц куыд цыдысты киномæ. 08:05 – Баситы Æллæ дзуры йе `мкъласон Изетæ сыл хъазгæйæ хъарджытæ куыд кодта. 09:00 – Бигъуылаты Людмилæйы хъæлдзæг мысинæгтæ. 13:00 – Царды кæмæн йæ къуыхы цы бафтыд саразын. 18:16 – 1967-æм азы рауагъдонтæ дзурынц урокмæ сæ куы нæ фæндыд, уæд иу цы æрхъуыды кодтой, уый тыххæй. 20:40 - Хъайтмазты Алик дзуры Магкаты Мишæимæ цыл цы хъæлдзæг цаутæ `рцыд, уыдоны тыххæй. 24:30 - Дзалаты Фатимæ дзуры 7 чызгæй иухуызон къабаты куыд цыдысты. 24:40 - Хъæлдзæг цау, се `мкъласоны иу 2 тыххæй æнæхъæн стыр æмдзæвгæ ахуыр кæнын куыд нæ фæндыд. 25:25 – Кæронбæттæн текст. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv    / irystontv   zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv

Смотрите также