Цъæйы комы дзуæрттæ I Фыдæлты уæзæгмæ

Æппæт Иры кæмтты `хсæн хицæн бынат ахсы Хуры ком - Цъæйы ком. Хуыдтой ма йæ Ивард Реком дæр, уымæн æмæ комæн йе `мбис нымад у табуйаг зæххыл. Рагон замантæй фæстæмæ нæ фыдæлтæ сæ арф мидисджын кувыны æгъдæуттæ кæм æххæст кодтой, ахæм. Нарты кадджытæм гæсгæ дзы, Хуыцауы цæссыгæй равзæрд Рекомы кадджын дзуар. Рагон замантæй абоны онг Цъæйы комæй рацæугæ мыггæгтæ кад кæнынц сæ иннæ рухс дзуæрттæн дæр. 00:00 Программæйы сæр 00:35 Разныхас 01:31 Ивард Рекомы фыццаг кувæндон - Рагъы Уастырджийы тыххæй. 02:38 Рекомы зæронд кувæндон Хуыкъалыйы зæххыл. 03:27 Зæронд Рекомы (Гуылгувæны) сусæгдзинæдтæ æмæ кувыны æгъдæуттæ. 06:50 Рекомы нысантæ æмæ сæ мидис. 07:32 Рекомы кувæндон сыгъды фæстæ ногæй арæзт куыд æрцыди, уый тыххæй. 10:12 Цъæйы комы цæрджыты рагон кувыны æгъдæуттæ. 13:50 Цъæйы комæй ралидзæг мыггæгты иугæнæг мадзæлттæ. 17:55 Мыкалгабырты дзуары æгъдæуттæ. 18:34 Фæсныхас. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv    / irystontv   zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv

Смотрите также